2 скъоладзауы рацыдысты олимпиадæ «Высшая проба» йы дыккаг къæпхæнмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Æппæтуæрæсеон олимпиадæ «Высшая проба», зæгъгæ, æрвылаз аразы Экономикæйы уæлдæр скъола. Архайынц дзы 7-11-æм кълæсты скъоладзаутæ, Уæрæсейы алы регионтæй. Сабитæн сæ бон у равдисын сæ зонындзинæдтæ алыхуызон предметтæй. Олимпиадæ нымад у зындæр ахуырадон конкурсыл. Ацы аз йæ дыккаг къæпхæнмæ рацыдысты нæ республикæйæ 2 скъоладзауы. Бутаты Галинæ ахуыр кæны 5-æм скъолайы 11-æм къласы. Йæ ахуыры бæрæггæнтæ иттæг хорз сты. Зæрдæргъæвдæй ахуыр кæны алы предмет дæр. Фæнд кæны Мæскуыйы паддзахадон универститеты юридикон факультетмæ бацæуын. Уымæ гæсгæ уæлдай æргом цы предметтæм æздахы, уыдоны 'хсæн ис истори дæр. Хæрзæрæджы бацархайдта æппæтуæрæсеон олимпиада «Высшая проба»-йы. Æрвылаз æй аразы экономикæйы уæлдæр скъола. Галинæйæн бантыст олимпиадæйы дыккаг къæпхæнмæ рацæуын. Бутаты Галинæ, Дзæуджыхъæуы 5-æм скъолайы ахуырдзау: «Олимпиадæйы фыццаг хатт бацархайдтон. Фыццаг къæпхæн уалдзæджы уыд. Йæ хæслæвæрдтæ йын кодтон интернеты. 35 хæслæвæрды хъуамæ сахатмæ баххæст кодтаин. Уыди дзы Уæрæсейы историйы тыххæй алыхуызон фарстатæ. Рагон рæстæгæй райдай æмæ XX æнусæй фæу. Куы йæ базыдтон, дыккаг къæпхæнмæ рацыдтæн, уый, уæд мын тынг æхсызгон уыди. Дыккаг къæпхæн уыд Мæскуыйы. Экономикæйы уæлдæр скъолайы. Тынг цымыдис мын уыди скъола фенын дæр. Хæслæвæрдтæ зын уыдысты. Фæлæ, се 'ппæты дæр баххæст кодтон. Ныффыстон ма мини-эссе дæр. Мæ бæрæггæнтæ ныр ма нæма зонын. Тынг сæм æнхъæлмæ кæсын. Мæ ахуыргæнæг мын тынг баххуыс кодта олимпиадæмæ бацæттæ кæнынмæ». Галинæйы олимпиадæйы йæ тыхтæ бафæлварынмæ сразæнгард кодта Цæрикъаты Алан. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты ахуыргæнæг. «Высшая проба»-мæ фыццаг аз нæ цæттæ кæны скъоладзауты. Куыд зæгъы, афтæмæй ахуырдзаутæн сæ зонындзинæдтæ фæуæлдæр вæййынц. Уыима ма, йæ уæлахиздзаутæн ис льготæтæ Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн. Бацархайыны бар дзы ис 7-æм къласæй 11 къласы онг ахуырдзаутæн. Арæзт у дыууæ къæпхæнæй. Цæрикъаты Алан, ЦИПУ-йы историон факультеты Уæрæсейы историйы факультеты доцент: «Высшая проба» у зындæр олимпиадæтæн сæ иу. Ацы аз йæ дыккаг къæпхæнмæ æнæхъæн Уæрæсейæ рацыдысты 822 скъоладзауы. Се 'хсæн дыууæйæ сты нæ республикæйæ. Галинæйæ уæлдай ма 38-æм скъолайæ Челдыты Даниил. Олимпиадæйы хæслæвæрдтæ æнцон не сты, фæлæ тынг цымыдисаг. Хауынц куыд политикæ, афтæ культурæ æмæ экономикæмæ дæр. Хъуамæ императортæ æмæ кънйæзты сæ хуызæй дæр зоной. Егъау олимпиадæ у. Йæ бæрæггæнтæн ын стыр аргъ кæнынц нæ бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Скъоладзаутæн у хорз фадат сæ зонындзинæдтæ равдисынæн. Фæнды мæ, нæ республикæйæ фылдæр архайджытæ куы уаид». Æппæтуæрæсеон олимпиадæ «Высшая проба»-йы скъоладзауты бон у бацархайын 25 профильтæм гæсгæ. Се 'хсæн канд скъолайы предметтæ не сты. Йæ архайджыты нымæц азæй-азмæ кæны фылдæрæй-фылдæр. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæн сæ предметмæ гæсгæ банымайдзысты 100 баллы. Уыцы бæрæггæнæнтæ хъуамæ паддзахадон иумæйаг фæлварæнæй ныффидар кæной. 70 баллæй къаддæр хъуамæ ма райса. Фароны уæлахиздзаутæй 677 систы экономикæйы уæлдæр скъолайы студенттæ. Ацы азы уæлахиздзаутæ æмæ призерты та сбæрæг кæндзысты марътийы. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

2 скъоладзауы рацыдысты олимпиадæ «Высшая проба» йы дыккаг къæпхæнмæ

Категория:

Новости и СМИ