Хозиты Барисы сфидар кодтой республикон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Хозиты Барисы сфидар кодтой республикон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй. Кучиты Зауырбег та ссис республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг. Уыцы ивддзинæдты тыххæй абон фехъусын кодтой хицауады радон æмбырды. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Уымæй уæлдай ма æмбырды æрныхас кодтой, мадæлты капиталæй иу хаттæн цы фиддонтæ райсынц, уыдоны тыххæй дæр. Æмбæлгæ кусæндоны разамонæджы фыццаг хæдивæг Мамайты Анжелæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз 1726 бинонтæ райсдзысты уыцы фиддонтæ. Сæ иумæйаг бæрц у 86 милуаны æмæ 300 мин сомы. Хицауады уæнгтæ ма дзырдтой Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады рæзты тыххæй дæр. Сфидар кодтой райдайгæ фермертæ, бинонты фосдарæн фермæтæ æмæ хъæууонхæдзарадон фæлхасадон кооперативтæн баххуыс кæнынæн гранттæ дæттыны фæтк. Республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ фæлхасады министр Уазиты Хъазыбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ уæлдай цæстдард министрад здахы хъæуты зæххытæм. Гранттæ райсыны фадат ныр фæзынд бæхтæ, яктæ æмæ мыдыбындзытæ чи дары, уыдонæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хозиты Барисы сфидар кодтой республикон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй

Категория:

Новости и СМИ