Æрмдæсныйадыл архайгæйæ
Дæсныйад æвдисæг ахуыртæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы Национ чиныгдоны. Уый сæрмагонд проект «Этно-Алания»-йы фæлгæты. Æххæст æй кæнынц президенты гранты фæрæзтæй. Проекты сæйраг хæс – национ æрмæсныйад раздахын. Проекты архайджыты ахуыр кæнынц цыллæ кæлмæрзæнтæ бийын, стæй нымæтимæ архайыныл. Æппæт хъæугæ æрмæджытæ æмæ кусæнгæрзтæй дæр сæ сифтонг кодтой лæвар. Ахуыртæм æрæмбырд сты алы кары адæм. Сæхи зæрдæргъæвдæй фæлварынц национ æрмæсныйады. Бирæтæн сты фыццаг ахуыртæ. Ацы хатт арæзтой алыхуызон хъазæнтæ къуымбилæй. Проекты аразджытæ ахуырты цы видеоæрмæджытæ систой, уыдоны æххуысæй йæ архайджытæ мæйы дæргъы сæхæдæг дарддæр хибарæй ахуыр кæндзысты. Уыцы æрмæджытæ равæрдзысты проекты сайты дæр. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй национ æрмдæсныйадыл сахуыр кæнын кæй фæнды, ахæмтæ разынд бирæ. Кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæй сæм 2 хатты фылдæр адæм æрбамбырд. Æдæппæтæй уыдысты 70-йæ фылдæр. Проекты разамонæг Бзарты Аланæ: «Иннæ дæсныйад æвдисæн ахуыртæ уыдзысты мæй фæстæ. Архайджытæ бацæттæ кæндзысты хæдзармæ сын цы хæслæвæрдтæ раттам уыцы куыстытæ. Уый фæстæ сын дард æр ахуыртæ сараздзыстæм. Амонæм сын, къуымбил куыд равзæры уый тыххæй. Нæ проекты сæйраг нысан у æнæ уæлдай хæрдзтæй адæмы сахуыр кæнын алыхуызæн æрмдæсныйæдтыл. Хъæугæ кусæнгæрзтæй сæ ифтонг кæнæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрмдæсныйадыл архайгæйæ
Категория:
Новости и СМИ