Лауызты экспозици
Базарадон техникумы студенттæн фадат уыд сæ хъуыдытæ сфæлдыстадон хуызы равдисынæн. Хъуамæ сын баст уыдаиккой 8-æм мартъийы бæрæгбонимæ. Диссаг куыд нæу, фæлæ уыцы хæс сæххæст кодтой лауызты руаджы. Сылгоймæгты бæрæгбоны агъоммæ сын ахæм цымыдисаг æркаст сарæзтой сæ разамонджытæ. Æркасты сæйраг темæ дæр сылгоймæгтимæ баст уыд. Адджын гуылтæ, дидинджытæ, тæсчъытæ, куклатæ æмæ уыдон се `ппæт дæр иуылдæр – лауызтæй конд. Хæслæвæрдмæ гæсгæ цыппор лауызæй ахуырдзаутæ хъуамæ сарæзтаиккой амынд экспозици. Боны `мбис сын уымæн ничи лæвæрдта – æрмæстдæр 3 сахаты. Мадзал чи `рхъуыды кодта, уыдон ахæм сфæлдыстадон ерысты руаджы зынгæ фæхъæздыгдæр кæнынц фæсивæды цард. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лауызты экспозици
Категория:
Новости и СМИ