Хуссар Ирыстоны цæрджытæ банкъардтой зæххæнкъуыст
Тынгдæр фæудаист сты Цхинвал æмæ Дзауы районы цæрджытæ. Уый тыххæй фехъусын кодта агентад «Рес». Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады фæстæдæр куыд загътой, афтæмæй æрдзон фыдбылыз æрцыд изæры фараст сахатыл, йæ тых та уыд 4,1 баллы. Специалисттæ куыд раиртæстой, афтæмæй зæххæнкъуысты эпицентр уыдис 12 км зæххы арфы. Йæ ран та - Гуырдзыстоны. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ цардыуаджы хæдзарадæн, стæй адæмæн зæххæнкъуыст ницы зиан æрхаста. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны цæрджытæ банкъардтой зæххæнкъуыст
Категория:
Новости и СМИ