370 тоннæйы артаг ластой æнæбардæттæг гæххæттытæй Дæллаг Зарамæгыл
Цæгат-Кавказы таможняйы кусджытæ "Дæллаг Зæрæмæджы" посты рабæрæг кодтой закъонхæлд. 36 милуан сомы бæрц 370 тоннæйы артаг ластой æнæбардæттæг гæххæттытæй. Мæнг гæххæттæм гæсгæ йæ хъавыдысты аласын Хуссар Ирыстонмæ. Фæнысан ма кæндзыстæм уый бадзырд æмæ сæм хæрзхъæддзинады паспорт дæр кæй нæ уыд уый. Уымæй уæлдай ма уæзькæмæн ласынц уый дæр бæрæг нæ уыд. Ацы хъуыддаджы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
370 тоннæйы артаг ластой æнæбардæттæг гæххæттытæй Дæллаг Зарамæгыл
Категория:
Новости и СМИ