«Ахуырад»-ы национ проектмæ гæсгæ Мæздæджы уыцы иу рæстæг цалцæг кæнынц дыууæ скъолайы

Раздæр ацы бæстыхайы тæвд дон цы у, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Ныр сын сæрмагондæй бойлер сæвæрдтой. Балхæдтой раковинæтæ. Ног рудзгуытæ, интерьер, бындуронæй раивтой коммуникцитæ дæр. Ахæм егъау цалцæггæнæн куыстытæ Мæздæджы 8-æм скъолайы 40 азы нæ цыд. Кълæсты байтыдтой линолеум, къæридорты быргæ чи нæ кæны, ахæм плиткæ. Уæлдай æргом аздæхтой хæрæндонмæ. Ног кусæнгæрзтæ - пецтæ, уазалгæнæнтæ. Иу ныхасæй, бæстыхай нырыккон домæнтæн дзуапп дæтты. Рæстæгимæ æмдзу кæндзысты технологон фæрæзтæй дæр. Ныр ног æрмæг базоныны тыххæй пайда кæндзысты проектортæй. 108-æм скъолайы дæр рацарæзт йæ тæмæны бацыд. Дыууæ корпусы ныридæгæн сты цалцæг. Афтæмæй, куыстыты фылдæр хай æххæстгонд æрцыд. Ам дæр баивтой коммуникацитæ, сантехникæ, раивтой бæстыхайы сæр. Ноггонд спортивон залы фыццаг хатт сарæзтой химæзилæн кабинæтæ. Домæнтæм гæсгæ, райдзаст æмæ фæтæн кълæсты фæзындзæн хорз мебель. Йе 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн та сæвæрдзысты пандус. Дыууæ скъолайы дæр цалцæг кæнынц "Ахуырад"-ы национ проектмæ гæсгæ. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæ партæты уæлхъус сбатдзысты ног ахуыры аз.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
35 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии