Цæгат Ирыстоны æфсæддонтæ архайынц ахуырты Волгограды облæсты
Цæгат Ирыстоны гæрзифтонг тыхты минæвæрттæ архайынц, Волгоградмæ хæстæг æфсæддон химиктæн цы ахуыртæ сарæзтой, уым. Сарæзтой сæ Прудбойы полигоны. Радиацион-химион æмæ биологон хъахъхъæнынады дæлхайæдтæн бахæс кодтой, æфсæддон техникæйыл радиацион низ цæмæй ма бахæца, уый тыххæй сæрмагонд мадзæлттæ саразын. Ахуырты архайынц техникæйы 300 иуæджы. 2 мин салдаты радтой нормативтæ. Цæлхдурты сæрты хизгæйæ, сæххæст кодтой сæ размæ `вæрд хæстæ. Фæлварæнты Цæгат Ирыстоны æфсæддонтæй дарддæр архайынц Волгограды облæст, Стъарапол æмæ Краснодары крайтæ, Хъырым, Армени æмæ Абхазийы минæвæрттæ. Æфсæддон химиктæ ма сæхи ахуыр кæндзысты ног сæрмагонд техникæимæ кусыныл, æфсæддон транспортыл цæугæйæ сæрмагонд операцитæ кæныныл, æндæр хъæугæ мадзæлттыл. Ахуырты ахсджиагдæр къæпхæнтæй иу - диверсион къордæн ныхкъуырд раттын, транспортон базæ æмæ се ‘мцæдисонты бахъахъхъæнын. Командæгæнджытæ сæ зæрдæ дарынц, сæ дæлбар æфсæддонтæ иттæг хорз цæттæдзинад кæй равдисдзысты, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æфсæддонтæ архайынц ахуырты Волгограды облæсты
Категория:
Новости и СМИ