Хицауады уыдис 2019 азы фыццаг æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Хицауады радон æмбырды сæйраг темæ абон систы кадрон ивддзинæдтæ. Газет «Рæстдзинад»-ы раздæры сæйраг редактор Битарты Маринæ ныр уыдзæн газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор. Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæдивæг ссис Датиты Алан. Раздæр уыд министрады хайады хицау. Хицауады уæнгтæ сæ хъуыдытæ загътой Республикæйы хъæууон хæдзарады разамынды кусæндон байгом кæныны фæнды тыххæй дæр. Министр Уазиты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, ахæм ногдзинæдтæ хъæугæ сты, цæмæй нæ республикæ национ программæты архайа, уымæн. Ахъаз уыдзæн ног куысты бынæттæ саразынæн дæр. Пъланмæ гæсгæ хъуамæ бауой 40. Фæзындзæн ног фермертæ, фæлтæрдджын агрономтæ æмæ инженертæ. Проект хорзырдæм бæрæг дардзæн экономикæйыл дæр. Тускъаты Таймураз закъоны проект ныффидар кодта, фæлæ иу фиппаинагимæ – нырма уал бадзырд бафысдзысты иу азы `мгъуыдмæ. Кæд пайдайаг рауайа, уæд æй адæргъвæтин кæндзысты. Хицауады æмбырды æркастысты 14 ахсджиаг фарстамæ. Зæгъæм, йæ архайджытæ хъæппæрис бахастой, цæмæй «Технопарк-Алани» юридикон æгъдауæй сæхгæной. Бирæ азты æхцайæ цух æййафы. Ацы фарстайыл ма хицауад дзырдта ивгъуыд азы сентябры дæр. Ныр кæронбæттæн уынаффæ рахастой. Хайдарбек Бутов та курдиат бахаста, цæмæй горæтгæрон æфсæнвæндæгтыл цæугæйæ скъоладзаутæ æмæ студенттæн льготæтæ снысан кæной. Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариелы фæнды, цæмæй республикæйы фæзына фылдæр видеокамерæтæ. Уый фæрцы фæндаггон фыдбылызтæ фæкъаддæр уыдзысты. Хицауады сæрдар фæнысан кодта, сæрмагонд службæты бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæндаггон фыдбылызты нымæц фылдæр кæй фæци. Æмбырды кæронбæттæн куысты хаддзæгтимæ ныхасы бар радтой Бдайциаты Аллæйæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хицауады уыдис 2019 азы фыццаг æмбырд

Категория:

Новости и СМИ