Куысты бынæттæ
Ног дæсныйад райс æмæ дын, æнæмæнг, куыст уыдзæн. Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы транспорты техникумы сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Бæлцæттæ фæндарастгæнæджы дæсныйад райсын бафæндыд 9 адæймаджы. Ахуыртæм сæ арвыстой Цæгат Ирыстоны æгуыст адæмæн куыстдæттыны комитетæй, сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Ног зонындзинæдтæ исынц Кировыхъæуы, Æрыдоны æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Студенттæ ахуыр кæндзысты æртæ мæйы. Фæбæрæг кæндзыстæм уый æмæ Программæ кусдзæн 2020 азмæ. Ахуырты фæстæ фæндарастгæнджыты кусынмæ арвитдзысты Минералон Дæтты вагæтты депомæ . _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Куысты бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ