Айларты Аслæнбег йæ зæрдыл лæууын кæны Беслæны 2004-æм азы теракты æвирхъау цаутæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

33 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

33 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

33 просмотра

4 года назад

Беслæны скъоламæ бахизгæйæ, ныр дæр банкъарæн ис, амынæты бахауæг адæм æртæ боны дæргъы цы хъизæмæрттæ æййæфтой, уый. Фарæстæм къласы ахуырдзау Айларты Аслæнбег дæр уыд се`хсæн. Лæппуйæн йæ бон сси фыдæвзарæнты сæрты ахизын. Йæ тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ дарддæр царды фæндæгтыл цæуы. 2004 аз 1 сентябрь. Фарæстæм къласы ахуырдзау Айларты Аслæнбег тагъд кодта зонындзинæдты бæрæгбонмæ. Зæрдиагæй бæллыд ног цалцæггонд спортивон зал фенынмæ. Йе`мбæлттимæ-иу сæрды сæ цæстытыл арæх ауад, цымӕ цавæр у ныртæккæ. Кæцæй йæ зыдта Аслан, æмæ йын ацы бынат зындон суыдзæн. Фæлæ алидзын къухы нæ бафтыд. Гæрæхтæ æмæ адæмы хъæр баиу сты, афтæмæй лæппуты спортивон залмæ батардтой. Уым баййæфтой дзы ноджыдæр сывæллæтты, ныййарджыты, ахуыргæнджыты. Фыдбылызы фыццаг минутты алырдыгæй удаист хъæртæ хъуыст. Уый фæстæ тугдзых сырдтæ маскæты бæрзонддæр æмæ фидардæр лæппуты иумæ æрбамбырд кодтой. Асланы дæр, хистæркъласонтимæ иумæ, террористтæн хæцæнгарз хæссынмæ арвыстой чиныгдонмæ. Фæлæ йæ Аслан уайтагъд бамбæрста, йæ къухы бомбæ кæй ис, уый. Йæ бон срæмудзын уыд цыфæнды рæстæг дæр. Фæлæ уый зындзинæдтæн уыд æрмæст сæ райдиан. Æртæ боны дæргъы лæппу хи цæстæй уыдта, цардбæллон сывæллæтты мæлæты хъæбысмæ куыд æппæрстой, уый. Адæмы сахатгай сæ къухтæ хæрдмæ сисгæйæ, бадын кодтой. Ацы зындоны уæвгæйæ, сывæлæттæ æмæ хистæртæ кæрæдзийæн уыдысты ныфс. Фæсыкк сты сывæллоны бæллицтæ. Дудиаты Сосланы адзал уыд — уыцы зындоны баззайын. Йæ цард аскъуыд. Амынæты цы адæм бахаудысты, уыдон бæллыдысты зындонæй раирвæзынмæ, сæ хæдзæрттæ цардæгасæй ссарынмæ, хиуæтты, уарзон адæмы æрбахъæбыс кæнынмæ. Аслан арæх æрымысы, сæ цæсгæмттæ чи æмбæхста, уыдоны цæстытæм-иу куыд нымдзаст, уый. Фæлæ сæ нæ фæсмон ссардта, нæ тæригъæд. Дыккаг бон æххормаг, дойны йæ æмæ æнтæфæй Аслан бауадзыг ис. Райхъал ис æртыккаг бон, срæмыгъдæй. Йæ уылæн лæппуйы къулмæ ахаста. Дарддæр хъæртæ æмæ гæрæхтæ сарæх сты. Лæппу æмбаргæ дæр нæ бакодта, ахуыргæнджытæй йӕ чидæр рудзынгмæ куыд ласы, уый. Уынгмæ куыд рахызт æмæ скъолайы фæстæ кæрты куыд февзæрд, уый дæр нæ зоны. Уыцы æртæ боны йын йæ цард цæхгæр фæивтой. Зноны æнæмæт сывæллоны зындоны æртæ боны æвиппайды байрæзын кодтой. Уæд æрыгон уд йæ размæ сæвæрдта нысан — фыдгæнджытæй адæмы хъахъхъæнын. Асланæн йæ бæллиц сæххæст кæнын йæ къухы бафтыд. Кусы мидхъуыддæгты министрады. Беслæны терракты фæстæ цард дыууæ дихы фæцис. Зындонæй чи раирвæзт, уыдон та кæрæдзийæн систы хотæ æмæ æфсымæртæ. Кæрæдзиимæ æмбæлынц, хæларæй цæрынц. Æмæ кæд æзтæ цæуынц, уæддæр хъæдгæмттæ нæ гас кæнынц. Царды фæндæгтыл цæугæйæ, сæ зæрдыл æппынæдзух дарынц, скъолайæ раирвæзын кæмæн нæ бантыст æмæ сæ цард уым кæмæн аскъуыд, уыдоны.

, чтобы оставлять комментарии