Дзæуджыхъæуы фæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны
Дзæуджыхъæуы фæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Декабырьмæ фæнд кæнынц 28 уынджы рацаразын. Ивынц фæндæгты уæлцъар, æвæрынц дзы къæйдуртæ, уæрæхдæр кæнынц къахвæндæгтæ. Фæндæгтæ ног кæныны куыстытæ парахат кæй сты, уымæ гæсгæ, æхсæнадон транспорты маршруттæ дæр ивд æрцыдысты. Ныридæгæн 23 фæндаджы уаддзаджы цалцæггонд фесты. Æмтгæй райсгæйæ 30 километрæй фылдæр. Æдæппæтæй ацы аз цалцæггонд цæуынц 40 объектæй фылдæр. Æхцайы фæрæзтæ радих кодтой республикæйы æмæ федералон бюджеттæй. Куыстыты кæцыдæр хай та конд цæуы «Безопасные и качественные дороги» программæйы фæлгæты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм фæндæгтæ Дзæуджыхъæуы аразын райдыдтой ацы аз, майы райдиан. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ кæсынц бæрнон кусджытæ. Фæндæгтæ цалцæг кæнынц сæрмагонд домæнтæм гæсгæ. ООО «Магистраль»-ы генералон директоры хæдивæг Гусаты Георгий: «Фæнд кæнæм куыстытæ 1-æм декабрмæ фæуын. Нæ бон куыд у, афтæ кусæм цæмæй рагагъоммæ уæддæр сæххæст кæнæм нæ хæслæвæрдтæ. Ацы мæйы кæронмæ хъавæм, кæд нæ боныхъæд нæ фæсайа уæд. Ныртæккæ кусынц 2 бригады, 10 адæймаджы, сæрмагонд техникæ дæр нæм ис. Къæйдуртæ æрдæгмæ арæзт фестæм. Райсом райдадзыстæм фæндаджы бындурæвæрæг уæлцъар тауын». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы фæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны
Категория:
Новости и СМИ