Тæссаг низы ныхмæ
Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны æнæштатон онколог Андрей КаПРин абон федта нæ республикæйы тарнизы ныхмæ диспансЕр. Министр Годжыцаты Тамерлан æмæ диспансЕры сæйраг дохтыр Бесаты Аслæнбегимæ æркастысты медицинон кусæндоны хайадмæ. Æркастысты ма поликлиникæмæ дæр. Андрей КаПРин аныхас кодта рынчынтимæ, бафарста сæ, медицинон лæггæдтæй разы сты æви нæ, уымæй. Диспансеры кусджытæ сæ куысты хатдзæгты тыххæй радзырдтой. Æркасты фæстæ онколог фæнысан кодта, бæстыхай цалцæггæнинаг кæй у. Фæлæ йæ кусæнгæрзтæ аккаг сты æмæ дзы хорз цæттæгонд специалисттæ кусынц. Андрей Каприн фæнысан кодта, цæттæ кæй у дæсныйад æвдисæг ахуыртæ саразынмæ дæр. Диспансеры сæйраг дохтыр Бесаты Аслæнбег ноджы бæстондæрæй радзырдта сæ авналæнты тыххæй. Сæрмагондæй фæнысан кодта, 2019-æм азы июнмæ ядерон медицинон æххуыс кæныны мадзæлтты рацарæзт кæй фæуыдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тæссаг низы ныхмæ
Категория:
Новости и СМИ