Гæцойты Аннæйы бæрæг изæр
Дзæуджыхъæуы сæйраг чиныгдоны ацыд поэт Гæцойты Аннæйы сфæлдыстадон изæр. Мадзалмæ æхсызгонæй æрбацыдысты поэтессæйы хиуæттæ, æмбæлттæ, йæ аивад ын чи уарзы æмæ йын аргъ чи кæны, уыдон. Уымæй уæлдай-ма æрбамбæлдысты, литературæимæ хæларæй чи цæры, уыцы 38-æм скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Уазджытæ мадзалмæ бахастой сæхи æвæрæн - азарыдысты Аннæйы фыст зарджытæ, кастысты йын йе `мдзæвгæтæ. 2015-æм азы Аннæ рауагъта йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд. Схуыдта йæ "Фæззыгон симфони". Уыцы чиныгмæ автор бахаста йæ царды алы азты алывæрсыг темæтыл фыст уацмыстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гæцойты Аннæйы бæрæг изæр
Категория:
Новости и СМИ