Ахуыргæнджыты кадæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Бæрæгбоны агъоммæ, Дзæуджыхъæуы, кадджын уавæры схорзæхджын кодтой хуыздæр ахуыргæнджыты. Мадзал сарæзтой сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Æппæты фыццаг æрбацæуджытæн фехъусын кодтой сæрыстыр кæмæй сты, уыцы ахуыргæнджыты нæмттæ. Сæ фылдæр ныр дæр ма кусынц скъолаты æмæ сæ зонындзинæдтæ æрыгон фæлтæрæн не вгъау кæнынц. Бузныджы ныхæстимæ кадджын мадзалмæ æрбацыд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Хуыздæрты схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй. Уымæй уæлдай ма ахуыргæнджытæй афæдзмæ йæхи иттæг хорз чи равдыста, уыдоны дæр. Стæй уазджытæн равдыстой цымыдисаг концерт. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ сын ацы бон у ахсджиаг. Кæй сæ хъуыды кæнынц, æмæ сын сæ куыстæн аргъ кæй кæнынц, уымæй сты бузныг. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ахуыргæнджытæн раарфæ кодта, зæрдæргъæвдæй бирæ азты кæй кусынц, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, царды бирæ аууæлтæ зондамонджытæй аразгæ сты. Раст фæндагыл бирæтæ æрмæстдæр се руаджы æрлæууынц. Æрыгон ахуыргæнджытæн та Битарты Вячелав загъта, цæмæй сæ хистæртæм кæсой, æмæ сæ фæлтæрддзинад фылдæр кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ахуыргæнджыты кадæн

Категория:

Новости и СМИ