Ӕмбырдгӕнгӕ хӕйттӕй конд фысымуæтты арæзтадӕн гранттӕ райсыны конкурс расидт Цæгат Ирыстоны туризмы
Ӕмбырдгӕнгӕ хӕйттӕй конд фысымуæтты арæзтадӕн гранттӕ райсыны конкурс расидт Цæгат Ирыстоны туризмы комитет. У, тагъд саразӕн ӕмӕ райхалӕн кӕмӕн ис, ахӕм конструкци. Йӕ цӕрӕн фӕзуат уыдзӕн ӕппынкъаддӕр 15 квадратон метры. Проекты аразæг — Уæрæсейы экономикон райрæзты министрад. 8 миллиарды рахай кæндзысты æгас бæстæйæн. Республикæ, гæнæн ис, æмæ райса 960 млн сомы. Субсидийы бæрц хъуамæ фысымуаты æрдæг аргъæй бæрзонддæр ма уа. Уыимæ 1,5 милуан сомы онг иу номырæн. Проекты хыгъды фыццаградон сты, 50 номырæй фылдæр кæм ис, уыцы фысымуæттæ, кæцытæ æрбынат кæндзысты экономикон зонæтæ æмæ фæдзæхст бынæтты.