Фæндæгты æдасдзинад
Фæндаггон змæлды æдасдзинадыл абон дзырдтой хицауады къамисы æмбырды. Къамисы сæрдар Томайты Ирбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæстондæрæй æркæсын хъæуы, фистæгцæуджытæ домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Хорзыл банымайæн ис уый дæр, æмæ фæндаджы сæрты ахизæнтæм базилдзысты ног домæнтæм гæсгæ. Æрмæст ма скъолаты æмæ ахуыргæнæндæтты цур фæндæгты уавæрмæ хуыздæр базилын хъæуы. Майы сæрмагонд къамис æркаст республикæйы 157 скъоламæ. Æрмæстдæр сæ 10% -мæ нæй æрхæссæн фау, иннæты цур фæндаггон уавæрмæ хъæуы æркæсын. Томайты Ирбег уæлдай æргом аздæхта фæндаггон нысанты уавæрмæ. Бирæ амонæнтæ дзы нал зынынц, кæцыдæр рæтты та уæвгæ дæр не сты. Хицауады сæрдары хæдивæг бæрнон адæмæн бабар кодта хъуыддаг сраст кæнын. Фæндаджы уæлцъарыл амонæнтæ афæдз дыууæ хатты хъæуы ныв кæнын. Ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц адæмы æдасдзинадæн. Фæндаггон æдасдзинады инспекцийы разамонæджы хæдивæг Бекъойты Артур куыд радзырдта, афтæмæй афæдзы райдианæй Дзæуджыхъæуы фистæгцæуджытимæ æрцыд 27 фæндаггон фыдбылызы. Фæмард 2 адæймаджы, хъыгдард дзы баййæфтой 28-æй. Алы фарстайыл дæр бæстонæй æрныхас кодтам . Æрцыдыстæм иу хатдзæгтæм. Цы хъæндзинæдтæ рабæрæг кодтам уыдон аиуварс кæныныл кусдзыстæм. Зæрдæ дарын уый фæстæ фæндаггон змæлды уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæндæгты æдасдзинад
Категория:
Новости и СМИ