Таутиаты Таймураз сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн бийы цъындатæ
Таутиаты Таймураз цъындатæ бийы 30 азæй фылдæр. Ацы хъуыддаджы алы лыстæгдзинад дæр иттæг хорз зоны. Хъæугæ тæбынтæ йын самал кæнынц йæ хæстæджытæ, сыхæгтæ æмæ хæлæрттæ. Таймураз ныр 32 азæй фылдæр бады инвалидты коляскæйы. Фыдбылызы бахауды фæстæ йæ астæуы хъæд хъыгдæрд баййæфта. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Йæ хион сылгоймаг ын баххуыс кодта зæрдæмæдзæугæ куыст ссарынмӕ. Ныртæккæ къуымбил цъындатæ бийы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Хорз æй зоны, тохы бындыры куыд уазал у ныртæккæ. Таутиаты Таймураз кæд иунæгæй цæры, уæддæр йæ фарсмӕ æппынæдзух сты йæ сыхæгтæ. Иууылдæр нæлгоймагæн баххуыс кæнынмæ цæттæ сты. Чи йын дон æрбадавы, чи йын хæдзары куыстыты фæкæсы, суанг ма йӕ хæххон бынæттæм дæр аласынц. Хъарм цъындаты ног парти - 30 фæлысты. Сæрмагонд æфсæддон операцимæ фæхæццæ кæндзæн хæрзаудæн фонд «Быть добру». Уым ахæм хуызы æххуыс фыццаг хатт нæ кæнынц. Нæ æфсæддонтæн æххуыс, уыимæ Заманхъулы скъолайы ахуырдзауты фыстæджытимæ иумæ арвитдзысты иннæ къуыри. Таутиаты Таймураз та бавналдзæн ног парти цæттæ кæнынмæ.