Ахуырады къабазы фарстатыл дзырдтой сармæгонд æмбырды
Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæтты 50% заууатмæ æрцыдысты. Республикæйы скъолаты фылдæр хай сарæзтой 70-æм азты. Скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты бынæтты фарстайы тыххæй фехъусын Битарты Вячеслав. Архайдта советы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Уæрæсейы президенты цур Цæгат Кавказы федералон зылды æххæстбарджын минæвар. Битарты Вячеславы бахаста хъæппæрис цæмæй заууатмæ чи æрцыд уыцы скъолаты цалцæггæн куыстытæ бахæссой ахуырады национ проекты хыгъдмæ. Уымæй уæлдай ма дзырдтой сывæллæтты рæвдауæнттæм рады лæууыны хъуыддаджы тыххæй. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддагыл кусынц пъланмæ гæсгæ. Ацы аз фæзындзæн 19 уæлæмхасæн бæстыхайы. Бынат дзы фæзындзæн 765 сабийæн. Иу сывæллæтты рæвдауæндон ма фæзындзæн Луковскойы станицæйы. Уыдзæн дзы 120 бынаты. Уымæй уæлдай ма рацараздзысты прогимнази «Интеллет»-ы бæстыхай. Рæвдауæндоны фæзындзæн 300 бынаты. Уымæй уæлдай ма ахуыргæнæндæттæ фæзындзæн хæххон хъæуты дæр. Уымæй уæлдай ма æмбырды дзырдтой Бесланы теракктыты чи бахауд уыцы сывæллæттæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм нысанмæ бынæттæ радих кæнын. Ныридæгæн хъæуы 45 æрвитæггаг гæххæты. Александр Матовников зæрдæ бавæрдта ацы хъуыддагмæ сæрмагондæй кæй æркæсдзæн уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахуырады къабазы фарстатыл дзырдтой сармæгонд æмбырды
Категория:
Новости и СМИ