Иронау сдзырдтой
Мадæлон æвзæгты тыххæй закъонæн æрыгон фæсиæд дæр дзуапп дæтты. Сфæлдыстадон къорд бавдæлыд æмæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодта зындгонд америкаг киноныв "Тепло наших тел", зæгъгæ. Ахсджиаг уый у, æмæ йын йæ сæйраг хъуыды дæр аивтой. Раргом кæнынмæ дзы хъавынц ныртæккæ ирон адæмы цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдонæй иу - аллон æзваджы хъысмæт. Нæ уацхæсджытæн ныхасы бар. Дзæуджыхъæуы Весеннийы уынджы фатеры сарæзтой хуымæтæг студи. Иннæтæй уымæй хицæн кæны, æмæ дзы зындгонд актертæ иронау кæй сдзурынц. Цæгат Кавказы Хæххон металургон Институты студент Черчесты Сослан æй æмбарын кæны, кинонывтæ нæ мадæлон æвзагмæ цæмæн ратæлмац кодтой, уый. Кинонывы хъайтарты иронау сдзурын кæнынæн бирæ тыхтæ бахардз кодтой. Тæлмацгæнæг Бутаты Зауыр бакуыста кодта цалдæр кинонывыл. Йæ руаджы иронау сдзырдтой ахæм кинонывтæ, куыд "Моана" æмæ "Дом". Тæлмацгæнæнджы ныхæстæм гæсгæ, æндæр æвзагыл кондæй киноныв бындуронæй аивы. Бутаты Зауыр - дзуры куыд ратæлмац кодта киноныв, æмæ цæмæн. Цæмæй киноныв хæрзхъæддæр уа, уый тыххæй йыл æнæсцухæй архайынц 3 адæймаджы. Сæ иу - зæлтимæ чи кусы, уыцы режиссер. Денис Ладик киноныв бацæттæ кæны кæронмæ. Денис Ладик - звукорежиссер: «Коммерцион организаци не стам. Архайдтам хæдзарон уавæрты. Ис нæм хуымæтæг микрофон, хъæуы йæ баивын. Уæдæ монитор æмæ профессионалон хъусæнтæй дæр "нагъ" нæ зæгъиккам». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Иронау сдзырдтой
Категория:
Новости и СМИ