Суворовы номыл Цæгат Кавказы æфсæддон училищæйы абон уыд бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

140 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Суворовы номыл Цæгат Кавказы æфсæддон училищæйы абон уыд бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

140 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

140 просмотров

3 года назад

Суворовы номыл Цæгат Кавказы æфсæддон училищæйы абон уыд бæрæгбон. 30 рауагъдонæй фылдæр абон райстой аттестаттæ. Се 'хсæн — 9 сызгъæрин майданы хицауы, спорты дæснытæм 10 кандидаты æмæ «Фæллой æмæ, хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады» нынан кæмæ ис, 14 ахæм лæппуйы. Ацы бонмæ фæсивæд æнхъæлмæ кастысты 7 азы. Хъæлдзæг, фæлæ уыцы иу рæстæг æнкъард бон. Раст рæнхъытæй бæрæгбоны урс дарæсы лæууынц курсанттæ. Лæмбынæг хъусынц, бирæ азты размæ Суворовы номыл училищæ каст чи фæцис, уыдоны амынддзинæдтæм. 7 азы дæргъы карз дисциплинæ, зын ахуыртӕ æмæ уыимæ æфсæддон æфсымæрады рæстæг. Училищæйы тырысайæн хæрзбон зæгъыны æгъдау дæр æххæстгонд æрцыд. Дарддæр — кадджын марш, ӕмӕ цӕугӕ-цӕуын рауагъдонтæ уæлæмæ згъæрæхцатæ æппарынц — сæрмагондæй сæ кæстæр хæлæрттæн. Афтæ, Дзансолты Георгийы ирд æнкъарæнтæ йæ зӕрдӕйы апарахат сты. Училищæмæ ӕрбацыд йæ фыды фæндонмæ гæсгæ. Уый ныртæккæ йæ æфсæддон хæс æххæст кæны сæрмагонд операцийы. Лæппу сæтты, ахуыр æнцон кæй нæ уыд, фæлæ педагогтæ æмæ хъомылгæнджытæй бузныг у. Æдæппæтæй Суворовы номыл училищæ каст фесты 32 лæппуйы. Иууыллдæр сæ ахуыр адарддæр кæндзысты бæстæйы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуырадон уагдæтты. Абон уыдонæй сæрӕстыр сты сæ ныййарджытæ, педагогтæ æмæ училищæйы разамынд. 1-æм июлы та училищæйы райдайдзысты бацæуæн фæлварæнтæ. Конкурс — 3 адæймаджы иу бынатмæ, ахуырдонмæ райсдзысты 80 лæппуйы бæстæйы алы регионтæй.

, чтобы оставлять комментарии