Республикон-физикон математикон лицейы ансамбль «Барс» Æппæтдунеон аивадон фестивалы бацахста фыццаг
Республикон математикон-физикон лицейы кæфтыты ансамбль «Барс» сси Азербайджаны æппæтдунеон аивадон конкурсы уæлахиздзау. Сæ курдиатæн жюрийы уæнгтæ скодтой стыр аргъ. Сластой дыууæ фыццаг бынаты. Уæвгæ, ансамблы къухы 10 азмæ бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Йæ репертуарон пълан дæр у хъæздыг æмæ бирæвæрсыг, ис сын дзы Кавказы æппæт адæмыхæттыты кæфтытæ дæр. Ансамблы репетицитæ куыд цæуынц, уый йæхæдæг федта нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Афтæ райдайынц республикон физикон-математикон лицейы ансамбль «Барс»-ы репетицитæ. Архайы дзы 60 сывæллонæй фылдæр. Дих сты 3 къордыл. 2 дзы сты концертон къордтæ, иннæ та- цæттæгæнæн. Се 'ппæт дæр урокты фæстæ фæтагъд кæнынц сæ уарзон кафæн залмæ. Хохаг кафт, нарты симд, чызджыты кафт, абхазаг æмæ цæцæйнаг кæфтытæ. Ансамблæн йæ репертуар у бирæвæрсыг. Кавказы æппæт адæмыхæттыты кæфтытыл дæр кусынц. Фæлæ, сын æппæты хæстæгдæр æмæ уарзондæр сты нæхи ирон адæмон кæфтытæ. Сæ аивадон разамонæгимæ архайынц, ирон хореографийæ рохуаты цы баззад, уыдон адæмы размæ рахæссын.Уыдонæй - «Ерыс», «Хосгæрст». Ныртæккæ сæ репъертуарон пъланы ис 21 кафты. Сæ æнтыстдзинæдты кой канд нæ республикæйы нæ айхъуыст, фæлæ ма дунейы дæр. Æрæджы уæлахиздзаутæй ссыдысты Азербайджанæй. Архайдтой æппæтдунеон аивадон фестиваль «Надежда»-йы. Жюрийы уæнгтæ ансамблæн скодтой стыр аргъ. Хуыздæртыл сæ банымадтой дыууæ номинацийы. Фольклор æмæ адæмон кафт. Саккаг сын кодтой дыууæ фыццаг бынаты. Ацы аз ансамблæн юбилей уыдзæн. Æххæст ыл кæны 10 азы. Уыцы рæстæгмæ сæ къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ: цалдæр хатты фæуæлахиз сты æппæтуæрæсеон æмæ æппæтдунеон конкурсты, стæй фестивальты. Фæззæджы ансамблы кæстæр къорд Бакуйæ сыздæхт уæлахизимæ. Алы аз «Барс»-ы æнтыстыты нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр. Кубоктæ, майдантæ, кады гæххæтытæ æмæ дипломтæ. Андрей Бахутов, Республикон физикон-математикон лицейы ансамбль «Барс»-ы аивадон разамонæг: «Нæ репертуарон пъланы 10 номыры æвæрд сты ирон фольклорон æрмæджы бындурыл. Ныртæккæ цæттæ кæнæм хохаг кафт, стæй фыййæутты кафт. Уалдзæджы нæхи цæттæ кæнæм кæстæр къордимæ Туркмæ. Хистæртимæ та сæрды ацæудзыстæм Италимæ. Фарон ма Болгарийы дæр уыдыстæм. Уырдыгæй дæр фыццаг бынатимæ сыздæхтыстæм. Ныфс мæ ис, фидæны дæр ма нæм уæлахизтæ кæй æнхъæлмæ кæсынц». Мартъийы фæнд кæнынц ансамблы хи сæрмагонд концерт бацæттæ кæнын юбилейы фæдыл. Аивадуарзджыты зæрдæтæ барæвдаудзысты рагæй кæй зонынц, стæй ног æвæрд кæфтытæй дæр. Сæ размæ æвæрынц стыр хæстæ. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикон-физикон математикон лицейы ансамбль «Барс» Æппæтдунеон аивадон фестивалы бацахста фыццаг
Категория:
Новости и СМИ