Аудгæйæ æмæ зæрдиагæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Дзæуджыхъæуы абон сарæзтой, аутизм кæмæ ис, уыцы сывæллæтты флешмоб. Йæ ном – «Радужный путь», зæгъгæ. Бæрæгбон сын сарæзтой хъазты хуызæн. Сабиты хъуыдис зонтыччыты `хсæнты ацæуын. Уый уыдис, иннæтæй чи хицæн кæны, ахæм сабиты цардмæ разæнгардгæнæн фæрæз. Хъуамæ сæ æхсæнады алы уæнг дæр хъахъхъæна, ауда сыл, архайа сын сæ цард рог кæныныл. Бæрæгбон сарæзтой, сывæллæттæн сæ гæнæнтæ æмæ авналæнтæ хынцгæйæ. Зæлыд дзы сабыр музыкæ, тигътæ æмæ æндæр ахæм фæзилæнтæ сын сæ цурæй айстой. Сæ дунеæмбарынад сын чи къахыр кæны, уыдонæй сæ бахызтой. Сывæллæттæн сарæзтой ахуыргæнæн мадзæлттæ дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ эмоционалон æгъдауæй ахæм адæймæгтæ тагъд афæллайынц, арæх сæ фæхъæуы иунæгæй баззайын. Уымæ гæсгæ сæм хъуамæ уæлдай цæстдард уа. Зæгъдзынæн ма уый, æмæ флешмобы фæстæ сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ ацыдысты сæйраг паркмæ. Аттракционтыл сын хи аирхæфсæн уыдзæн лæвар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Аудгæйæ æмæ зæрдиагæй

Категория:

Новости и СМИ