Фæзминаг дæнцæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Цæгат Кавказы федералон зылды мидхъуыддæгты министрадты разамонджытæ бабæрæг кодтой нæ республикæйы мидхъуыддæгты музей. Уырдæм сæ ахуыдта Цæгат Ирыстоны уагдоны разамонæг Михаил Скоков. Уазджытæ сæ балцæй разыйæ баззадысты. Федтой бæстыхайы дæс залы, базонгæ сты экспонаттимæ, дисы сæ бафтыдта уæлæмхасæн информаци. Михаил Скоков зæрдиагæй радзырдта, музей саразыныл куыд куыстой, уый тыххæй. Йæ нысан дæр ын фæбæрæг кодта - рæзгæ фæлтæры раст хъомыладмæ аккаг æвæрæн хæссын, раздæры дæнцæджытыл сæм патриотон æнкъарæнтæ фидар кæнын. Уазджытæ сæ хъуыдытæ ныффыстой Арфæты чиныджы. Бузныг загътой, мидхъуыддæгты службæйы зынгхуыст кусджыты ном нæ республикæйы рох кæнын кæй нæ уадзынц, уый тыххæй. Фæстæдæр фысымтæ уазджытимæ сæ фæндаг акодтой, æрæджы Дзæуджыхъæуы хуссарварс цы номарæн комплекс байгом, уымæ. Цæй æмæ кæй номыл арæзт æрцыд, уый сын радзырдтой. Загътой, фидæны фæлтæрæн дзы ныстуан кæй ныууагътой. Кæронбæттæны систой зæрдылдарæн къам. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæзминаг дæнцæг

Категория:

Новости и СМИ