Мотоæхсæнад "Алани"-йы байкертæ сæмбырд сты хорз хъуыддаджы тыххæй

Гæнæн ис, æмæ кæмæдæр ахæм хъуыды сæвзæра, æмæ ацы тызмæг нæлгоймæгтæ хæлардзинад цы у, уый нæ зонынц. Фæлæ уый афтæ нæу. Мотоæхсæнад "Алани"-йы байкертæ сæмбырд сты хорз хъуыддаджы тыххæй. Сæ æнæниздзинад хъыгдæрд цы сывæллæттæн у, уыдонæн ласынц лæвæрттæ. Ацы къорды рæзгæ фæлтæрыл æхсызгонæй узæлынц. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Алыксандры. Сывæллæтты технопарк "Кванториум"-ы зондамонæг у. Скъоладзауты ахуыр кæны квадрокоптертæ æмбырд кæныныл. Мотоциклыл бады фыддæс азы. Æхсæнады æмсæрдар Хъæлыцты Сергей кусы Дигорайы культурæйы галуаны. Куыд радзырдта, афтæмæй реабилитацийы республикон центр "Феникс" бабæрæг кодтой фарон. Сывæллæтты æрхъуыды кодтой сæ бæрæгбоны агъоммæ. Сывæллæттæн æхсызгон уыд ахæм хуызы фембæлд. Сæ уазджыты архайд сын бынтон зонгæ кæй нæ у, уый сæ уæлдай цымыдис кодта. Сабиты аниматортæ дæр нал бахъуыд, фылдæр рæстæг сæ хæрзгæнджытимæ арвитын фæндыд. Бæрзонд тагъдадимæ æфсæн бæх скъæрын къæпхæнгай райдыдтой. Велосипедыл хуымæтæг дæсны митæй мотоциклыл зын трюктæ æххæст кæнын онг. Сæ уарзон архайды тыххæй байкертæ радзырдтой "Феникс"-ы хъомылгæнинæгтæн. Сæйрагдæр уыд, цæмæй сабитæ бамбарой, кæд сæ конд æмæ сæ бакаст карз у, уæддæр сты зæрдæхæлар, фæнды сæ адæмæн æххуыс кæнын. Сæ уæлæдарæсыл нысæнттæ дæр хуымæтæджы не сты, сæхи æмбарынад сын ис, фæлæ хорз хъуыддæгтæ кæныны ныхмæ не сты. Нæ уазджытæ нæ хорз хæлæрттæ сты. Фыццаг хатт нæ н бабæрг кодтой. Сывæллæттæ семæ æхсызонæй æмбæлынц. Сæ зонынындзинæдтæ сын фылдæр кæнынц. Базонгæ сæ кæнынц цымыдисаг цаутимæ. Цымыдисаг сæ кæсы, ахæм æхсарджын æмæ раст фæндагыл лæуд нæлгоймæгтимæ фембæлдтытæ. Дæттынц сын тыхтæ. Байкертæ рагагъоммæ ныхас кодтой кусæнуаты разамындимæ. Сывæллæттæ фылдæр цæуыл бацин кæндзысты, уый раиртæстой. Хъазæнтæ, спортивон дзауматæ, фыссæнгæрзтæ, адджинæгтæ, уæлдæфон тымбылæгтæ, сæйрагдæр сабиты цы схъæлдзæг кæна, ахæм лæвæрттæ. Матоæхсæнадæн ацы хъуыддæгтæ ахсджиаг сты. "Феникс"-ы мотоциклисттæй разыйæ баззадысты. Æнахъомты æхсызгон æнкъарæнты тыххæй сын загътой бузныг. Хæстæгдæр рæстæг ма фæнд кæнынц психологон-педагогон реабилитацийы центр бабæрæг кæнын. Нæлгоймæгтæ йæ фидарæй зонынц - сабитæй цæмæй хорз адæймæгтæ рауайа, уый тыххæй фыццажыдæр хъуамæ уой амондджын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
10 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии