Aдæймаджы бартæ хъахъхъæныны бон | Изæры рад
Граждайнаг, политикон, экономикон, социалон æмæ культурон бартæ. Дунейы ис, æппæт адæмы хæттытæ, разамонджытæ æмæ барадон оргæнтæ хъуамæ кæй æххæст кæной, ахæм домæнтæ. Документ хуыйны: адæймаджы барты иумæйаг деклараци 71 азы размæ 10-æм декабры фидаргонд æрцыди Иугонд нациты организациты сæйраг ассамблейы. Фыццаг хатт уым фыст æрцыдысты, æппæтдунеон æмвæзады адæймагæн йæ цавæр бартæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой, уыдон. Уæдæ нæ «Изæры рад»-ы æрныхас кæндзыстæм адæймаджы бартæ хъахъхъæныны боныл. Абон æй бæрæг кæнынц æнæхъæн дунейы дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Aдæймаджы бартæ хъахъхъæныны бон | Изæры рад
Категория:
Новости и СМИ