Сергей Меняйло цæттæ у националон литературæйы рæзтимæ баст проекттæн баххуыс кæнын
Сергей Меняйло цæттæ у националон литературæйы рæзтимæ баст проекттæн баххуыс кæнын. Регионы разамонæг фембæлд Уæрæсейы фысджыты цæдисы сæрдар Николай Ивановимæ. Ирон авторты уацмыстæ хъæуы уырыссаг æвзагмæ тæлмац кæнын, фæнысан кодта Сергей Меняйло. Уый хыгъд, Николай Ивановы хъуыды та баст уыд, ирон литераторты дзырдæй-дзырдмæ комкоммæ тæлмацты базæ саразын хъæугæ кæй у, уыимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уæрæсейаг тæлмацгæнджыты уаргъ фæрогдæр кæндзæн, уыимæ националон литеарæтурæйы авналæнтæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Ныхас ма кодтой Цæгат Ирыстоны поэзийы театр саразыныл. Уымæй уæлдай Николай Иванов стыр аргъ скодта «Ирон фæндыр»-ы литеартурон фестивалæн. Ацæудзæн иннæ аз Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны мадзæлтты фæлгæты. Кусæг фембæлды рæстæг ма кадджын уавæры фысджыты цæдисы билеттæ радтой Бететы Фатимæйæн, Гасанты Валерийæн, Гегкиты Сосланæн, Лолита Белашовайæн æмæ Хохойты Федарæн. Михаил Шолоховы номыл зæрдылдарæн майдан райста Агънаты Константин. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv