Цъыккаты Владимиры фæдыл радон æмбырд та абон аргъæвтой
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл радон æмбырд та абон аргъæвтой. Азымджын Хохойты Алан йæхи æвзæр кæй æнкъардта, уый тыххæй æмбырдмæ нæ сæмбæлд. Йæ фарсхæцæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ знон изæрæй сæмбæлын кодтой Республикон клиникон рынчындомæ. Тæрхонгæнæг æнæ ацы азымджынæй æмбырд аргъæвыны уынаффæ рахаста. Радон æмбырд уыдзæн 6 майы Райдайдзæн 11 сахатыл. Уæд байхъусдзысты 5 æвдисæнмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры фæдыл радон æмбырд та абон аргъæвтой
Категория:
Новости и СМИ