Сæйраг инженеры азымджын кæнынц, æдасдзинады домæнтæ кæй нæ баххæст кодта

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Куыстуат «Газпром газораспределение Владикавказ»-ы сæйраг инженеры азымджын кæнынц, газы хæтæлы промышленон æдасдзинады домæнтæ кæй нæ баххæст кодта. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитеты слестгæнæн управлени. Уæрæсейы слестгæнæн комитеты Цæгат Ирыстоны слестгæнæн управлени азымгæнды кæронбæттæны уынаффæ рахастой 39-аздзыд нæлгоймагæн. Уый промышленон æдасдзинады домæнтæ кæй нæ сæххæст кодта, уымæ гæсгæ адæймаджы æнæниздзинадæн стыр зиан æрхаста. Слестгæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2017 азы 7-æм июлæй 2018 азы 20-æм декабрьмæ азымджын нæ сæххæст кодта, зæххы бын цы газы æвсæн хæтæл цæуы, уымæ хауæг фæллой хъахъхъæнынады домæнтæ. Уыимæ ма, промышленон æдасдзинады уагæвæрдтæ хæлд кæй цæуынц, уый зонгæйæ, хъуыддаг старст кæныныл нæ бацархайдта. Уагхæлдыдты аххосæй газ зæххы бынты баирвæзт хæдзары бæстыхаймæ. Уымæ гæсгæ 20 декабры 2018 азы Октябрьскæйы дыууæ фатеры æрцыд срæмыгъд, йæ фæстæ та зынгсирвæзт. Фыдбылызы аххосæй 5 адæймаджы баййæфтой хъыгдæрд. Зынгсирвæзты аххосæй хæдзары мулк фесæфт 1 милуан æмæ 200 мин сомы аргъæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сæйраг инженеры азымджын кæнынц, æдасдзинады домæнтæ кæй нæ баххæст кодта

Категория:

Новости и СМИ