«Медиа Север-Юг», зæгъгæ, конференци уыд Дзæуджыхъæуы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дзыллон информацион службæты æмгуыстады хъуыддæгты тыххæй дзырдтой «Медиа Север-Юг», зæгъгæ, æппæтадæмон наукон-практикон конференцийы. Мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны адæмыхæттыты `хсæн ахастдзинæдты фæдыл министрад, стæй мыхуыр æмæ дзыллон комуникациты комитеты хъæппæрисæй. Конференци аразынц фыццаг хатт, фæлæ суыдзæн æрвылазон. Дыууæ республикæйы журналисттæ рагæй амгуыст кæнынц. Ивгъуыд аз бафыстой бадзырд дзыллон информацион фæрæзтæй иумæ пайда кæныны тыххæй. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй уæлдай ма мадзалмæ сæмбæлдысты Белоруссийы журналистты цæдисы секретарь Андрей Кривошеев. Куыд бафиппайдта, афтæмæй профессионалон журналисттæ хъуамæ зоной æмæ æмбарой Кавказы уавæр, цæмæй адæммæ хæццæ кæной хъæугæ информаци. Андрей Кривошеев, Белоруссийы журналистты цæдисы секретарь: «Кавказы хъуыддæгты фæдыл цаутæ арæх махмæ-Белоруссимæ бынтон растæй нæ ныхæццæ вæййынц. Арæх ма дзы гæды хъусынгæнинæгтæ дæр бафтауынц. Уымæй уæлдай мæнг цаутæ дæр æрымысынц. Æз абон ацы мадзалмæ сæмбæлдтæн уымæн, цæмæй уавæр мæхи цæстæй фенон æмæ йæ нæ республикæйы цæрджытæм фæхæццæ кæнон». «Малые села Кавказа», зæгъгæ, хуызистыты равдыст бацæттæ кодтой уазджытæн. Сæ автортæ Кавказы цыппар хъæуы дæнцæгыл равдыстой хæхты рæсугъддзинад. Уымæй уæлдай ма сарæзтой пленарон æмбырд. Йæ архайджытæ байхъуыстой, дыууæ республикæйы журналисттæ цы 15 доклады бацæттæ кодтой, уыдонмæ. Уæлдай æргом аздæхтой национ мыхуыры, регионалон журналистикæйы æууæлтæм. Конференцийы архайджытæ рахастой уынаффæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны «Сæйраг редакторты» æнæ формалон клуб саразын. Сæ сæйраг хæс уыдзæн журналистты æмгуыстады мадзæлттæ фидар кæнын. Фидараты Юрий, мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон информацион фæрæзты комитеты сæрдар: «Сæйрагдæр у, цæмæй журналисттæ кæрæдзиимæ базонгæ уой. Белоруссийæ нæм ссыдысты минæвæрттæ . Уый тынг хорз хъуыддаг у. Уый ууыл дзурæг у æмæ æмгуыстады фæндæгтæ байгом кæндзыстæм. Дыууæ республикæйы журналисттæ сæ фæлтæрддзинад бæрзонд кæнынмæ кæрæдзимæ цæудзысты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Медиа Север-Юг», зæгъгæ, конференци уыд Дзæуджыхъæуы

Категория:

Новости и СМИ