Фæсарæнты паспорт райсыны `гъдау
Райсом, фыццæгæм февралæй фæсарæнтæм ацæуыны тыххæй паспорт райсæн уыдзæн æнцондæрæй. Ныхас цæуы, 10 азы `мгъуыдмæ кæмæй пайда кæнынц, уыцы документыл. Сæ радтыны хæс сæвæрдтой паддзахадон лæггæдты универсалон центртыл. Ныронг-иу фæсарæнтæм абалц кæныны тыххæй сæрмагонд гæххæтт райсыны тыххæй адæм цыдысты мидхъуыддæгты министрады оргæнтæм. Ацы ногдзинад хъуамæ йæ тыхы бацыдаид 2017 азы февралы, фæлæ йæ алы аххосæгтæм гæсгæ аргъæвтой иу афæдз дарддæр. Ногдзинад банкъардзысты, федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы горæтты, сахарты округтæ æмæ административон центрты цæрджытæ. Хъуамæ дзы 100 мин адæймагæй фылдæр цæра. Иннæтæн ацы гæххæтт райсыны фæтк нæ аивдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæсарæнты паспорт райсыны `гъдау
Категория:
Новости и СМИ