Ног лифтытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджыты арæх бахъæуы сæ фатермæ фистæгæй схизын. Йæхи схæссыны фаг тыхтæ кæмæ нæй, уыдонмæ арæх вæййы хызынтæ дæр. Афтæмæй сын сæ цæрæнбынатмæ бафтын хъаймæтæй хъауджыдæр нал вæййы. Бирæ азты хæдзæртты лифтытæ кусынц къуылымпытимæ. Чи сæ кусы, уым та ныссæдзынæй тас вæййы. Бирæты дзы хъæуы сцалцæг кæнын. Гокъоты Ирæ 6-æм уæладзыджы цæры. Йæ кæстæр хойы уынгмæ арæх ракæны. Фатермæ схизын сæ лифтыл бахъæуы. Цалдæр минуты бæсты сæ бахъæуы дзæвгар фылдæр рæстæг схардз кæнын. Ирæйæн алы хатт йæ уд йæ хъуырмæ свæййы. Сæ хæдзары цы лифт ис, ууыл 40 азы цæуы. Цас ын æмбæлы, уымæй дзы дыууæ хатты фылдæр пайда кæнынц. Заууат дæр уымæн у. Ахæм лифтытæ республикæйы 500-йæ фылдæр сты. Хъæуы сæ баивын. Зæгъæм, Хъесаты Астаны уынджы бирæуæладзыгон хæдзарттæй иуы æдасдæр у 9-æм уæладзыгмæ фистæгæй схизын. Уымæн æмæ ацы хæдзары лифт техникон домæнтæн дзуапп рагæй нал дæтты. Цæрджытæй дзы чи нал ныссагъд, ахæм нал баззад. Ныр федералон программæмæ гæсгæ бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ хæстæгдæр азты хъуамæ баивой ногтæй, кæнæ сæ сцалцæг кæной. Æвæстиатæй ивинаг уал сты Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Мызуры 64 бирæуæладзыгон хæдзары 166 лифтытæ. Доваторы проспекты бирæуæладзыгон хæдзæртты уал райдыдтой ног лифтытæ æвæрын. Куыстытæ хъуамæ мæй æмæ æрдæгмæ фæуой. Цæрджытæ ног техникæмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Уæлдай æхсызгон сын у, лифтытæ нырыккон домæнтæм дзуапп кæй дæттынц. Сты автоматизацигонд, ис дзы бахъуаджы рæстæг диспетчермæ бадзурыны фæрæз дæр. Пъланмæ гæсгæ, лифтмæ бахизæнтæ ифтонггонд цæудзысты видеоцæстдарды системæтæй. Æдæппæтæй лифтытæ баивыныл бахардз кæндзысты 360 милуан сомы. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ног лифтытæ

Категория:

Новости и СМИ