Терроризмы ныхмæ мадзæлттæ

Цæгат Кавказы федералон зылды коррупцийы ныхмæ мадзæлттæ, барадон фæтк æххæст кæныны æмæ æдасдзинады фарстаты фæдыл ацыд сæрмагонд æмбырд. Амыдта йæ Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Видеобастдзинады руаджы дзы архайдта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис дæр. Ныхас цыд терроризмы ныхмæ мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнын ахуырадон уагдæтты, стæй, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæтты. Æмбырды райдиан Юрий Чайка фæнысан кодта, ацы фарста уæлдай ахсджиаг кæй у сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг. Куыд ма загъта, афтæмæй техникон æгъдауæй сæххæст кæнын бантыст ахуырадон уагдæттæ, стæй стыр куыст бакодтой педагогтимæ дæр. Юрий Чайка ма куыд загъта, афтæмæй æргом здæхт цæуы фыдракæндты профилактикæмæ дæр. Дзанайты Барис загъта, афтæмæй регионы дæр уыцы фарстатæм цæуы бæрнон цæстдард.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
9 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии