Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр Дзæуджыхъæуы равдыста спектакль «Дон Жуан»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

5 лет назад

Жан Батист Мольеры зындгонд уацмысы хъайтар «Дон Жуан» сдзырдта иронау. Сæвæрдтой йæ Хуссар Ирыстоны драмон театры. Ныр спектакль радыстой Дзæуджыхъæуы дæр. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны артисттæ сæ дæсныйад æвдисынмæ кæрæдзимæ кæддæриддæр цыдысты. Фæлæ ныр цы проектыл бакуыстой, уымæ гæсгæ гастрольтæ уыдзысты æрвылмæй. «Дон Жуан»-ы премьерæ аивадуарзджыты зæрдæмæ фæцыд. Спектакль бабæрæг кодта Дзæдзойты Фатимæ. Алы сылгоймаджы зæрдæмæ дæр фæндаг зоны. Йæхи бауарзын кæны, уый фæстæ йæ ныууадзы. Чи у Дон Жуан? Философ æви романтик? Хорз у æви æвзæр? Аивадуарзæг, спектакльмæ бакæсгæйæ, уыцы фарстатæн дзуапп йæхæдæг ратдзæн. Сæйраг роль дзы ахъазыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры актёр Мамиты Гри. Сæрды «Дон Жуан»-ы премьерæ æнтыстджынæй ацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл. Спектаклыл куыстой 2 мæйы бæрц, Сæвæрдта йæ режиссёр Джелыты Хъазыбег. Ныр æй равдыстой Цæгатирыстойнаг аивадуарзджытæн. Цæгат Ирыстон æмæ Хуссары артисттæ сæ дæсныйад æвдисынмæ кæрæдзимæ кæддæриддæр цыдысты. Фæлæ ныр цы проектыл бакуыстой, уымæ гæсгæ гастрольтæ уыдзысты æрвылмæй. Æрæджы Тæбæхсæуты Балойы номыл театры труппæ Цхинвалы театрдзауты размæ рахаста спектакль "Ричард III". Дарддæр, 14-æм октябры, Цæгат Ирыстоны актёртæ Цхинвалы равдисдзысты «Фатимæ». Хуссар Ирыстоны драмтеатр та Дзæуджыхъæумæ æрласдзæн спектакль «Къоста». Равдыстытæ нысангонд сты ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны кадæн. «Дон Жуан»-ы премьерæ аивадуарзджыты зæрдæмæ фæцыд. Ног театралон сезоны та Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры дуæрттæ сты гом. Зæрдиагæй хонынц адæмы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv