Дзанайты Барис фембæлд республикæйы туризмы къабазы хъæппæристы автор Вадим Киянкоимæ
Дзанайты Барис арфæйы фыстæг радта туризмы къабазы хъæппæристы автор Вадим Киянкойæн. Йæ проекттæ йын хорз зонынц нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Се 'хсæн - "Амонды бандон" Уæллаг Фыййагдоны; цъитимæ кæсæг бандон Хъæрмæдоны, Зджыды хохæфцæджы хъеллаугæнæнтæ; Мидæгрæбыны æхсæрдзæнты 'рдыгæй чысыл хæххон цæугæдæтты сæрты хидтæ æмæ фæлладуадзæн объекттæ адæмæн уарзон бынæтты. Премьер фæбæрæг кодта, автор стыр æвæрæн кæй бахаста туризмы рæзтмæ æмæ зæрдæ бавæрдта, Цæгат Ирыстоны хицауад уыцы куыстæн æххуыс кæнынмæ цæттæ кæй у. Вадим Киянко ныр цалдæр азы аразы балцытæ хæхтæм. Хорз зоны бæлццæтты зæрдæмæ цы цæуы, уый, кæцы бынæттæ сын сты æппæты уарзондæр, стæй йæм ис хъуыдытæ, Ирыстоны улæфыны фадæттæ куыд фæхуыздæр кæнæн ис, уый тыххæй.