Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт ацыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырд

Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырд. Сæргълæууæг, фыццджыдæр, йе 'ргом аздæхта бæстæйы Президенты æвзæрстыты рæстæг æдасдзинады мадзæлттæм, гæнæн ис, æмæ æвзæрстытæм хæстæг фæлитой æмæ ардауæн митæ сарæх уой. Сæ сæйраг нысан регионты нацитæ æмæ конфесситы 'хсæн фарстатæ скарз кæнын, адæмы æддæг-мидæг ауайын кæнын, стæрсын сæ кæнын. Арæхдæр ахæм архайд сцырен вæййы Интернет-ресурсты. Республикæйы терроризмы фæзындты ныхмæ снысан кодтой уæлæмхасæн тыхтæ. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æппынæдзух кæнынц мониторинг, уыимæ Интернеты тыгъдады дæр, цæмæй афойнадыл фыдгæнджыты архайд уромой æмæ уавæр сæ бæрны уа. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, протоколы бындурыл республикæйы æххæстгæнæг хицауад æмæ дзуапдæттæг ведомствоты размæ сæвæрдтой хæс регионы æдасдзинад хъахъхъæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
29 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии