Цæгат Ирыстоны цæрджытæн фадат ис базилинаг æхсæнадон фæзуæттæ равзарынæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

23 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

23 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

23 просмотра

3 года назад

15-æм апрелæй 31 майы онг Цæгат Ирыстоны цæрджытæн сæ бон у базилын кæмæ хъæуы, ахæм объектыл схъæлæс кæнын. Хыгъды ис 59 æхсæнадон фæзуаты. 32 дзы сты Дзæуджыхъæуы, фæйнæ æхсæдзы - Алагиры, Æрыдоны, Кировы районты, 3 та - Горæтгæрон, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты. Æдæппæтæй базилдзысты 33 объектмæ. Бындуронæй сæ сцалцæг кæндзысты «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразын»-ы федералон программæйы фæлгæты. Уæлахиздзаутæ хъуамæ æрæмбырд кæной 60 мин хъæлæсæй фылдæр. Парк, сквер, кæнæ аллея равзарæн ис сайты «Городсреда». Схъæлæс кæныны бар ис 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы цæрджытæн. Артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Надгериты Батразы ныхæстæм гæсгæ, онлайн хуызы хъæлæс кæныны руаджы цæрджытæ архайынц ахæм ахсджиаг хъуыддаджы.

, чтобы оставлять комментарии