Францусаг хæринаггæнæг — Ирыстоны
Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы хæринаггæнджыты хайады хуыздæр студенттæн сарæзта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Цы федтой æмæ цы базыдтой? Шеф-пъовыр фыццаг бавнæлдта урс бас кæнынмæ. Уый тыххæй мигæнæны ныккæнын хъæуы урс хуыз хъацæнтæ. Цæмæй бас бæзджын рауайа, уый тыххæй та хъуамæ сабыр артыл 3 сахатæй къаддæр ма фыца. Диссаг ма уый у, æмæ хъæдындз, стæй нуры æд цъар фыцын хъæуы. Афтæмæй хæринаджы баззайынц æппæт пайда витаминтæ, уыимæ ма йæ ад дæр нæ аивы. Дарддæр, æргъай сæвæрынц пыррындзы уксусы æмæ йм бафтауынц йæ ад ын чи фæхæрзаддæр кæндзæн, ахæм хъацæнтæ. Ахæм хуызы Мишлены стъалы хæссæг хæринаггæнæг, уый раргом кодта французаг хæринæгтæ кæныны сусæгдзинæдтæ. «Хæринаг кæныны æгъдау лæвæрд цæуа фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Æз мæ зонындзинæдтæ адæмæн нæ хæлæг кæнын, уымæ гæсгæ æрцыдтæн ардæм. Ахæм зонындзиæдтæ хъæуы æвдисын. Æз дæр ирон хæринæгтæ куыд жкæнын хъæуы,уыимæ базонгæ дæн.Мæ зæрдæмæ фæцыд. Хæринæгтæ сты хæрзад», — загъта Жоффрей Поэссон. Жоффрен Поэссон — у хæринаггæнджыты скъолайы автор. Йæхицæн Францы ис хæрæндон. Йе скъолайы рауагъдонтæ та кусынц хъуыстгонд хæрæндæтты: «Премьер-Кью», «Меркада» æмæ «Баварийы». Уымæй уæлдай ма сты «Забавæйы» кулинарон хайæдты сæргълæуджытæ. «Уый æнæмæнг ахсджиаг у хæрæндæтты бæрзæнд фæуæлдæр кæнынæн иннæ хæрæндæтты æхсæн. Арæх дзурæм туризмы рæзтыл нæ республикæимæ,фæлæ дзурынæй уæлдай ма хъæуы архайын дæр. Цæмæй туризм рапарахат уа ,уый тыххæй хæрæндæтты бæрзæнд хъуамæ уа хъæугæ уагыл æвæрд», — загъта Наталья Марзоева. Ахуыртæ цæуынц базарадон-экономикон техникумы. Хыздæр студенттæй уæлдай, сæ фæлтæрддзинадыл бакусын бафæндыд сæ хистæр æмкусджыты дæр. Дыууæ боны сын Жофрей амондзæн фрацузаг хæринæгтæ куыд кæнын хъæуы, уый. Радзурсæн сын цалдæр рецепты. Дыууæ боны фæстæ алы архайæгæн дæр ратдзысты æвдисæндар. «Уый æнæмæнг ахсджиаг у хæрæндæтты бæрзæнд фæуæлдæр кæнынæн иннæ хæрæндæтты æхсæн. Арæх дзурæм туризмы рæзтыл нæ республикæимæ,фæлæ дзурынæй уæлдай ма хъæуы архайын дæр. Цæмæй туризм рапарахат уа, уый тыххæй хæрæндæтты бæрзæнд хъуамæ уа хъæугæ уагыл æвæрд», — загъта Валерий Абиев. Мах дæр цæмæй раппæлæм, уый ис. Курсыты канд фæсарæйнаг хæринæгтæ кæнынæн не сты. Францаг пъовыр дæр йæ зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кодта. Фæнды йæ йæ райгуырæн бæстæмæ йемæ ирон хæринæгтæ кæныны сусæгдзинæдтæ аласын. Æмæ та ирон фынгты фидауц æхсызгондзинад хæсдзæн иннæ паддзахадты гурмантæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Францусаг хæринаггæнæг — Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ