Михайловскæйы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ хъаст кæнынц сæ цæрæнбынаты уавæрæй

Михайловскæйы Плийы-фырты уынджы 4-æм хæдзары кæрты асфальт ныртæккæ хус у. Тыхджын къæвдаты рæстæг уынджы ацæуæн нæ вæййы нæ адæмæн, нæ хæдтулгæтæн. Цæрджытæ уавæрæй тыхсынц. Æмæ ма æрмæст кæрт куы уаид базилинаг! Бирæуæладзыгон хæдзар сарæзтой 1981-æм азы. Бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Цæрджытæ сæхи хъаруйæ æмæ хардзæй базилынц бæстыхаймæ. Хæдзары сæр тæдзы. Цар ис заууат уавæры. Дзæгъæл цæрæгойтæ æмæ мæргътæ йæ сафынц, æвзæр тæфæй дзы æрлæууæн нæй. Ныккæдмæ бакæлы къæвдаты дон. Инженерон хызæгтæ заууатмæ рагæй æрцыдысты - хæтæлтæ хъарынц. Уый тыххæй дзы ис бæрзонд уымæлад, байдзаг заулчъытæй, суанг ма хæфсытæ дæр фæзынд. Хæдзарæн дзуапп дæтты разамындæттæг компани "Коммунресурсы", хæтæлтæй сæ зæронддæртæ раивта. Уый дæр æрмæст цæрджыты хъæстыты фæстæ. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ куыд æмбæлы, афтæ нæ бакодтой. Бирæуæладзыгон хæдзар раивта цалдæр разамындæттæг компанийы. "Коммунресурсы"-мæ æрхауд 2021-æм азы. Цæрджытæ куыд зæгъынц, уæдæй æрмæст ногæй-ногдæр кæнынц æрмæст сæ хæстæ. Адæм сæ хъаст бахастой прокуратурæмæ дæр. Разамындæттæг компанийы минæвæртты æмæ цæрджыты ныхас кæрæдзиуыл нæ бады. Æдæппæтæй хæдзары ис 50 фатеры. Адæмы фæнды уавæр фæхуыздæр кæнын. Цæрæнуæтты инспекцийы амынддзинадмæ гæсгæ цæрджытæ фæнд кæнынц æмхæларад саразын. Уымæй уæлдай ма комкоммæ республикæйы Сæргълæууæгмæ фæсидын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии