Æмбæлгæ лæвар
Абон ма Битарты Вячеслав Плиты Ноадрæн балæвар кодта фатер. Цæгат Ирыстоны адæмон артист ахæм лæвар райста йæ 70 азы юбилейы кадæн. Битарты Вячеслав бафиппайдта, Плиты Нодар цы æвæрæн бахаста хореографион аивад парахат кæнынмæ, уымæн хъæуы æмбæлгæ аргъ скæнын. Республикæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта артистæн, бирæ азты ахсджиаг сфæлдыстадон куыст кæй фæкодта , уый тыххæй.Хореограф дæр Битарты Вячеславæн арфæйы ныхæстæ загъта йæ ног фатеры фæдыл æмæ ма бафтыдта, ахæм лæвæрттæ адæймаджы ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæм разæнгард кæй кæнынц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Плиты Нодар у Уæрæсейы федерацийы сгуых артист, стæй Цæгат Ирыстоны адæмон артист. Уыд паддзахадон ансамбльтæ "Алан" æмæ "Симд"-ы солист. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æмбæлгæ лæвар
Категория:
Новости и СМИ