Минералон дон "Джермук"-ы ӕфсонӕй уксусы туагад чи банызта, уыцы нæлгоймаг рынчындоны амард
Минералон дон "Джермук"-ы ӕфсонӕй уксусы туагад чи банызта, уыцы 65 аздзыд Дзæуджыхъæуы цæрæг нæлгоймаг рынчындоны амард. Уый тыххæй регионы сæргълæууæг фехъусын кодта йæ телеграм-каналы. Товары партитæ базарадæй айстой. Уавæр дарддæр иртасынц пъæлицæйы, Прокуратурæ æмæ фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ бæстæйы дæр цæуынц рейдтæ базарадон бынæтты, минералон дон "Джермук" тæрхæджытæй айсыны нысанимæ. Уæрæсейы слестгæнæн комитет ацы цауы фæдыл байгом кодта уголовон хъуыддаг.