Дзанайты Барисæн уыд æмбырд вице-премьертимæ

Дзанайты Барисæн уыд æмбырд вице-премьертимæ. Ныхас цыд инвестицион æмæ инфраструктурон проекттæ æххæст кæныныл, стæй скъолаты бындурон цалцæджы программæ æмæ фæндаггон хызы райрæзтыл. Хицауады сæрдар йе 'мкусджыты 'ргом аздæхта федералон центримæ æмгуыстады фарстамæ. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй архайын хъæуы, цæмæй ноггонд æрцæуой фылдæр ахуырадон уагдæттæ. Ныртæккæ рады сты 51 скъолайы. Уыдоны куыстытæ снысан кодтой 2024-æм-2026-æм азтæм. Фарон æмæ ацы аз та æдæппæтæй рацарæзтой 66 скъолайы, рахай сын кодтой 4 млрд сомы. Хицæнæй æрдзырдтой Æппæтадæмон форум-равдыст "Россия"-йы архайдыл. Ныртæккæ йæ фæзуатыл æвæрынц республикæйы стенд, бацахсдзæн 100 кв.м. Ирдæй йыл фенæн уыдзæн нæ регионы æнтыстдзинæдтæ алы къабæзты. Уымæй уæлдай форумы архайдзысты не сфæлдыстадон къордтæ, равдисдзысты ирон хæринæгтæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
60 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии