«FabLab Alania» ныр 6 азæй фылдæр æххуыс кæны фæсивæдæн сæ хъуыдытæ царды уадзынмӕ

Инновацион сфæлдыстады центр "FabLab Alania" ныр 6 азæй фылдæр æххуыс кæны фæсивæдæн сæ хъуыдытæ царды уадзынмӕ. Программæтæ фыссынæй æмæ роботехникæйæ курсытæй уæлдай ма ам кæнынц проектты куыст дæр. Ног зонындзинæдтæ райсæн у алкæй бон дæр. Афтæ, центр æххуыс кæны сфæлдыстатдон фæзуат "Портал"-æн, SMM-специалисттæн, æрмдæснытæн, нывгæнджытæн. Центр "FabLab Alania"-йы æххуыс кæнынц Цæгæраты Давидæн дæр. Лæппу архайы 26 скъолайы къулыл Мамсыраты Хаджумары граффити саразыныл. Центры йæм фæкæсдзысты бизнес-пълан саразынмæ, стæй уæд алы портрет нывгæнгæйæ йæ цы куыст бакæнын хъæуы, уый йын бацамондзысты. Бахъуаджы рæстæг та йын ратдзысты сæ инновацион кусæнгæрзтæ дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
10 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии