Фыдæлты кадæн
Уналы байгом этнографион музей, бæлвырдтæр зæгъгæйæ та Цæллагты мыгкаджы мæсыг, æмæ йæ алыварс цы бæстыхæйттæ арзт æрцыдысты, уыдон. Цалцæггонд мæсыг рауад, цыппар сæдæ азы размæ куыд уыди, ахæм. Куы йæ арæзтой, уæд кастысты архивты цы къамтæ æмæ историкон гæххæттæ уыд, уыдонмæ. Æмæ мыггаджы фæсивæдæн сæ фæнд сæ къухы бафтыд. Бæрæгбоны уазджытæн сæ бон уыд астæуккаг æнусты рæстæг банкъарын. Уазджытæ та уыдысты бирæ: Мæскуыйæ, Хуссар Ирыстонæй æмæ æндæр горæттæй. Цæллагты мыггаг сæ историйыл куыд аудынц, уый иннæ мыггæгтæн у фæзминаг хъуыддаг. Сæ традицитæ хæссынц фæлтæрæй фæлтæрмæ. Уидæгтæ æмæ рагфыдæлты, æнæмæнг, хъуыды кæнын кæй хъæуы, ууыл дызæрдыг нæ кæнынц. Бæргæ сарæзтой, фæлæ цалдæр æнусмæ мæсыг заууатмæ æрцыд. Цæллагтæ йæ сфæнд кодтой сног кæнын æмæ дзы музей рацаразын. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та ахæм бынат, æмæ иу мыггаг иумæ кæм рбамбырд уа. Мæсыджы бæрзæнд 17 метры, ис дзы æртæ уæладзыджы. Ахæм культурон объекттæ канд ирыстоны цæрджытæн нæ, фæлæ ма туристтæн дæр уæлдай цымыдисаг кæй уыдзысты, уый бæлвырд у. Гом арвы бын амфитеатр, ныв кæныны дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, поэтикон изæртæ, фестивальтæ æмæ концерттæ æвдисынæн аив бынат. Кадджын уавæры йæ байгом кæнынмæ æрбацыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг Ольга Рухуллаева æмæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Уымæй уæлдай ма уазджытæ уыд Мæскуыйæ æмæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Проекты сæйраг нысан у — нæ рагфыдæлты царды фæтк æмæ культурæ равдисын. Историон бынат сног кæныны хъæппæрис йæхимæ райста Цæллагты Зауырбег. Этномузей саразыны проект равдыста фæсивæдон форум «Машук»-ы. Ныр дæр ма цæуынц арæзтадон куыстытæ. Амайынц ма гæнах æмæ фысымуат. Ныр та уал бæрæгбоны кæронбæттæны мæсыджы сæрæй суагътой урс фæздæг. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, фыдæлтæм уый уыд цины нысан. Гогаты Марат _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыдæлты кадæн
Категория:
Новости и СМИ