Ногиры цæрджытæ дыууæ боны сты æнæ дон
Ногир дыууæ боны дæргъы у æнæ дон. Ахæм хъусынгæнынинагимæ бынæттон цæрджытæ знон бадзырдтой республикæйы доны хæдзарады разамындмæ. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй адæммæ дыууæ боны дон нæй. Доны хæдзарады кусджытæ арвыстой сæрмагонд бригад, цæмæй хъуыддаг сбæлвырд кæной, уый тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй доны хæтæлтæ атыдтой Дзæуджыхъæуы кæрон. Цы хæтæл атыдта, уый фæтæн разынд 300 милиметры. Йæ бæсты йын сæвæрдтой ног сæрмагонд труба. Хæтæлтæ атыдтой кæй базæронд сты, уый аххæсæй. Абон цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ногиры цæрджытæ дыууæ боны сты æнæ дон
Категория:
Новости и СМИ