Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

9 лет назад

Рæстæг йæ къухты ис, зæгъгæ, зæгъæн ис дæсны æмæ фæлтæрдджын кусæг Цæрикъаты Мæхæмæтæй. 50 азæй фылдæр кæны сахаттæ аразыны куыст. Мæхæмæт у Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран, цæуы йыл нæуæдз цыппар азы. Кæд йæ цард æнцон нæ уыд, уæддæр нæ фæцудыдта Йæ куыстмæ цыфæндыйы цæстæй нæ кæсы. Алы бон дæр æрбацæуы йæ æрмадзмæ. Цымыдисаг адæймагимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Сахаты механизм райхалын, уыимæ ма йæ лыстæг хæйттæй чи нал кусы уый раиртасынæн бирæ зонындзинæдтæ æмæ рæстæг хъæуы. Фæлæ Цæрикъаты Мæхæмæтæн уый зын нæу. Алы хъуыддаджы дæр бæлвырдзинад хъæуы. Гыццыл рæдыд дæр сахат æрбасæттынæн æгъгъæд у. Цæрикъаты Мæхæмæт ацы куыст кæнын хæрз æрыгонæй райдыдта. 3-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд-иу уарзта саст сахæттæ халын, лæмбынæг сæм иу æркаст. Кæм кæцы хай хъуамæ уа, уый зæрдыл бадарыныл архайдта. Гыццыл фæстæдæр хуымæтæг хиирхæфсæн мадзал ссис йæ царды ахсджиагдæр æм уарзондæр куыст. Ныр 50 азæй фылдæр рæстæг хъахъхъæны. Ныртæккæ Мæхæмæт алы бон дæр æрвиты йæ чысыл æрмадзы. Фæлæ йын хæсты рæстæг ахæм гæнæнтæ нæ уыд. Уæд нырма уыд скъоладзау. Уымæ гæсгæ йæ йе`мкълосонтимæ арвыстой хæсты фæсчъылдымы. Къахтой акъоппытæ, дзыхъхъытæ, арæзтой знаджы æхсын æнцондæр кæцæй уыд, ахæм ныккæндтæ.Чысыл фæстæдæр Мæхæмæт ахуыр кæнынмæ бацыдис фистæгæфсæддон училищæмæ.Октябры 1942 азы училищæ сæхгæдтой, ахуыргæнинæгты та арвыстой хæстмæ. Мæхæмæт хæцыд танчы ныхмæ дивизионы, уыд автоматæй æхсæг. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ тохы рæстæг æппынæдзух дæр фыццаг рæнхъыты кæй лæууыд. Мæлæтæн йæ сау цæстытæм куыд каст уый йæ зæрдыл арæх æрлæууы. Керчы зæххытæм нæ ныххæццæ, йæ къухы нæ бафтыд, 43 азы тохы рæстæг уæззау цæф фæцис. Уымæ гæсгæ йын дарддæр Фыдыбæстæйы сæраппонд знагимæ хæцыны фадат нал уыд. Демобилизацигонд æрцыд. Фæлæ йæ Фыдыбæстæйæн цы лæггад бакодта, уый рохгонд нæ уыд, хорзæхгонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 2-аг къæпхæны дыууæ орденæй, «Кавказы хъахъхъæныны» æмæ «Германийыл фæуæлахизы» майдантæй. Æмæ кæд æрыгон нал у æмæ йе `фсæддон цард дæр æнцон нæ уыд, уæддæр нæ фæцудыдта, дарддæр кусы йæ æрмадзы. Æмæ хъахъхъæны рæстæг, уый ныртæккæ йæ къухты ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр

Категория:

Новости и СМИ