Кæй зæхх у?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Дыгуры районмæ бацæуæны æвæрд ис Чырыстийы цыртдзæвæн. Уыцы монумент районы цæрджытæ нымайынц сæ фидауцыл. Конд у Рио-де-Жанейройы Чырыстийæн цы стыр цыртдзæвæн ис, уымæ гæсгæ. Ныртæккæ объект цы зæххыл ис, уыимæ фæзынд кадастрон фарстатæ. Скульптурæйы фидæн базонынмæ Дыгуры районмæ ацыдысты нæ уацхæсджыты. Скульптор Дзанæгаты Зауырбеджы конд Чырыстийы цыртдзæвæн бирæ азты лæууы Æрыдоны æмæ Дыгуры районты хсæн. Ивгъуыд æнустæй абоны онг у дыууæ районы арæнты фидауц. Цыртдзæвæн кæй зæххыл лæууы, уыцы фарста иу æмæ дыууæ хатты нæ сывзæрд. Специалисттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй раздæр уыд цæугæдоны иу фарс - Дыгуры районы зæххыл. Фæлæ донивылд цыртдзæвæны бын зæхх бахордта. Уæд рахастой уынаффæ - Чырыстийы цырт Æрыдоны районы сæвæрын. Фæлæ та ацы хъуыддаджы дæр къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрд. Цыртдзæвæн цы зæххыл лæууы, уый кæйдæр хи исбон у. Фæлæ... цæмæн афтæ рауад, уый нын бамбарын кодта районы зæххыты исбонады специалист. Чырыстийы цыртдзæвæн цы зæххыл лæууы, уымæ Арыдоны районы хицауад лæмбынæгæй æркастысты. Сарæзтой сæрмагонд арæзтадон къорд. Ныридæгæн кусæг къорд хъуыддаг бæлвырд кæны, скодта рагъомæ хаддзæгтæ дæр. Куыддæр зæххимæ баст фарста лыггонд æрцæуа, уыимæ ма цырт кæй зæххыл лæууы, уый сбæрæг уа, афтæ зæхх суыдзæн Дыгуры районы бæрны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кæй зæхх у?

Категория:

Новости и СМИ