РЦИ-Аланийы уæвæг гæрзифтонг тыхтæ архайынц æфсæддон ахуырты
Цæгат Ирыстоны гæрзифтонг тыхты минæвæрттæ архайынц Ростовы, Астраханы, Стъарапол æмæ Краснодары крайы минæвæрттимæ иумæйаг æфсæддон ахуырты. Ахæсдзысты цалдæр боны. Сæ арæхстдзинад æвдисынц уæлдæфон хъахъхъæнынад æмæ авиацийы дæлхайæдтæ. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Æфсæддон зылды пресс-службæ. Ахуырты ахсджиагдæр къæпхæнтæй иу - дыууæ дæлхайады æмарахайдыл бакусын æмæ афтæмæй диверсион къордтæн аккаг ныхкъуырд радтын. Командæгæнджытæ сæ зæрдæ дарынц, сæ дæлбар æфсæддонтæ иттæг хорз цæттæдзинад кæй равдисдзысты, ууыл. Ахуырты архайынц 300 æфсæддон хæдтæхæджы. Разамынд сын дæтдзысты быдырон пункттæй. Æвæрд уыдзысты «Ашулук» æмæ «Капустин Яр», зæгъгæ, полигонты. Уымæй уæлдай Су-25 тæхджытæ Ростовы облæсты сæхи фæлвардзысты быдыры уавæрты хæдтæхæг æрбадын кæныныл. Астраханы облæсты аэродроммæ та хæдтæхæг Ми-26 фæхæццæ кæндзæн артаджы цæугæ станцæ, вертолеттæ кæй руаджы сифтонг кæндзысты, ахæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы уæвæг гæрзифтонг тыхтæ архайынц æфсæддон ахуырты
Категория:
Новости и СМИ