Æвзонг уацхæсджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Дзыллон информацион фæрæзты дæсныйады сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнынц ахуырдзауты тематикон лагерь Медиа Кэмпы. Йæ куыст кæны лагерь "Металурджы" бындурыл. 7 азæй - 15 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сабитæ сæ тыхтæ фæлварынц журналисты дæсныйады. Диктортæ, уацхæсджытæ æмæ амонджытæ дæттынц æвзонг ахуыдзаутæн дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Æрмæджытæ раст куыд фыссын хъæуы, æмæ газет куыд рауадзын хъæуы, ууый тыххæй бæлвырддæр не сфæлдыстадон къорды æрмæджы. Ацы хъазтмæ иуварсæй чи бакæса, уымæ æнахуыр æмæ цымыдисаг фæкæсдзæн. Фæлæ фæсивæд хорз зонынц журналистикæйы дæсныйад райсынæн цы пайда хæссынц, уый. Райдайын хъæуы хуымæтæг хæслæвæрттæй. Ахуыр та кæнынц зæрдæргъæвдæй. Аив дзырдæй раст пайда кæнын æмæ ныхасыхъæды рæдыдтытæ сраст кæнын телеуынынады кусынмæ чи хъавы, уыдон сæ сæйраг хæсыл нымайынц. Æппæт сусæгдзинæдтимæ сæ базонгæ кæндзæн æрмæстдæр фæлтæрдджын специалист. Вазыгджын у цæмæй дын телевизормæкæсджытæ дæ хъуыды æмбарой. Фыццаджыдæр, уый уацхæсджытæм хауы. Газетты кусыс æви телеуынынады - хъæудзæн дæ интервью исын æмæ адæмимæ ныхас кæнын. Журналисттæ сæ куы нæ рауайа, уæддæр сæ царды ацы зонындзиндтæ бахъæудзысты. Ам та газет кæм уадзынц ахæм æрымысгæ редакци. Традицион журналистикæйæ уæлдай, ам ахуыр кæнынц ног методтæй архайын æмæ кусын. Теле æмæ радиожурналистикæйы професси бирæты зæрдæмæ кæй цæуы, уым диссагæй ницы ис. Сæ бæллиц у стыр телекомпаниты амонæг кæнæ уацхæссæг суæвын. Фæлæ уый æнцон нæу. Хабæртты фæстæ фæсивæд кусынц сæ рæдыдтыл, раст сæ кæнынц. Афтæмæй рæзы сæ фæлтæрддзинад. Камерæ, фотоаппарат, микрофон, ручкæ æмæ блокнот - фæсивæд раст цыма фæлтæрдджын уацхæсджытæ сты, сæхи афтæ дарынц. Дзыллон информацион фæрæзты сусæгдзинæдтæ базоныны фадат æрыгæттæн ис мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты фæрцы. Эльдар Афашоков: «Ныридæгæн радиоэфирмæ рауагътам дыууæ прграммæйы. Абон та фæнд кæнæм фыццаг хатт телеуынынады хабæрттæ рауадзын. Сывæллæттæн хæслæвæрттæ байуæрстон, "бæрнон" редактортæ дзуапп дæтдзысты сæ куыстæн». Æнкъард цæмæй ма уа, уый тыххæй тренингты лекцитæ нæй. Алы урок дæр - хъазты хуызы. Дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, хи цардæй дæнцæгтæ-афтæмæй æрмæг быхъуыды кæнын æнцондæр у. Рæстæг сын ис 18 боны. Журналистикæимæ йæ цард фæсивæдæй чи сбæтдзæн, уый бæрæг нæу. Æрмæст бæлвырд уый у - æмæ ахуырты фæрцы ног зонындзинæдтæ кæй райсдзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æвзонг уацхæсджытæ

Категория:

Новости и СМИ