Иумæйаг аргъыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

8 лет назад

Хъырыммæ «иумæйаг» билетыл цæуыны балцытæ райдыдтой абон. Балцвæд цæуы Краснодар æмæ Анапæйы æфсæнвæндæгты вокзалты æмæ Анапæйы æппæтадæмон аэропорт Витязевойы уылты. «Иумæйаг транспортон дирекцийы» куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ныридæгæн ауæй кодтой 73 мин «иумæйаг» билеты. Уыдонæй Хъырыммæ сты 47 мины, Хъырымæй та – 26 мины. Уый у 18% фылдæр ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ. «Иумæйаг транспортон дирекци»-йы сæйраг директоры хæдивæг Даниил Иванов куыд фехъусын кодта, афтæмæй Краснодарæй фыццаг рейсæй ныридæгæн ног билеттæм гæсгæ араст сты 54 бæлццоны. Райсомы рейсæй Анапæйæ Хъырыммæ та – 74 бæлццоны. Майы бæрæгбонты рæстæг иумæйаг билет балхæнинаг сты 4 мин адæймаджы. 2018-æм азы та уыцы рæстæг аластой 3308 бæлццоны. Кæдæм фылдæр цæуынц адæм Хъырыммæ, уый та уынут нæ егъау экраны фæрцы. Æппæты фылдæр адæм сæ ных саразынц Евпаторимæ 22 процентимæ, дыккаг бынат ахсы Ялтæ, æрхаудысты йæм бæлццæтты 18 проценты, æртыккаг бынатмæ та 15 процентимæ рацыд Судак. Дарддæр ма номхыгъды сты Феодоси, Севастополь, Керчь. Республикæйы сæйраг горæт Симферополь уазджыты цæсты уыйас нæ ахады – цæуынц æм æрмæстдæр 2 проценты. Фæлæ уый, фенинæгтæ дзы нæй, зæгъгæ, уыимæ баст нæу. Зæрдыл дарын хъæуы, горæт денджызы былæй дæрддзæф кæй у, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Иумæйаг аргъыл

Категория:

Новости и СМИ